Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Хъуыссæты Хъылци - Дзеранты Лаврент Зарæг | Текст песни

Гуры жандармтæ куы рацæуынц,
Зилынц кæмтты цъалаты.
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
Уæд зилынц кæмтты цъалаты.

Лаврент сæм рагъæй афтае дзуры:
«Ме ’рдæм ма рацæут фалæты».
Гъей, гъей, гъей, мае дуне,
«Ме ’рдæм ма рацæут фалæты».

Тыбылы фыртæм афтæ дзуры:
«Æз абон мæ туг райсдзынæн».
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
«Æз абон мæ туг райсдзынæн».

Дзераны фыртæм афтæ дзуры:
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».

Тыбылы фыртæй уæд куы фехста,
Йæ галиу фæрсты ацыди.
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
Йæ галиу фæрсты ацыди.

Дзераны фыртæй рагъæй рыхста,
Йæ рахиз цонг ныппырх и.
Гъей, гъей, гъей, мæ дуне,
Йæ рахиз сон ныппырх и.

Зандармтæ Тыбылы фырты фесты,
Лавренти та – тар хъæдмæ.
Гъейтт, мардзæ, ирон сахъ лæппу,
Дзераны фырт Лавренти.

Хъуыссæты Хъылци еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-