Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Цаллагов Рамазан - Уарзгæ дæ куы кæнын (Мыстулаты И., Цæгæраты Г.) | Текст песни

Дæ иу бакастæй дæр циндзинад исын,
Æрфæнды мæ зарын.
Цы бон дæ нæ фенын, зæрдæйы риссын.
Æрмæст уæд æнкъарын:
Дæу кæй уарзын. Уый дын куыд зæгъон,
Куыннæ йæ æмбарын.

Дæ мидбылты худтыл худгæ зæрдæйæ
Æдзухдæр æмбæлин.
Нæ рæсугъд дунейы демæ цæугæйæ,
Æнусмæ фæцæрин...
Уæд цы кæнон, ныр дын куыд зæгъон:
Ма бауарз æндæры!
Ма мын бауадз тызмæг сагъæстæн
Мæ зæрдæ æфхæрын.

Нæ фæстаг фембæлдты дæхи куыд дардтай,
Æз уымæй æмбæрстон:
Дæ цинтæ, дæ амонд
Ды кæй ссардтай
Кæмæдæр мæ бæсты.
Охх, цы кæнон, куыд ма цæрдзынæн
Зæрдæрысты фæстæ?

Куыд хорз-иу уыдысты мæйрухс изæртæ,
Сæ зарджытæ хæхтæн.
Мæ хай кæд нæ фæдæ,
Уæддæр мæ зæрдæ дæу мысгæйæ цæрдзæн.
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рохгæнæн куыд нæй.
Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн
Рохгæнæн куыд нæй.
Охх, тæхуды, æнувыд уарзтæн
Йæ хорзæх кæй фæци.
Æвæдза, æхсидгæ уарзтæн
Рохгæнæн куыд нæй...

Цаллагов Рамазан еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2