Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Цæрукъаты Алыксандыр - "Салдат" | Текст песни

Фæци салдат йæ хъизæмæрттæ саст,
Йæ зын фæндагыл ахæццæ кæронмæ,
Æрдздых æмæ йын адæймаджы зонд
Зæххыл цы фыдтæ самадтой йæ разы —
Æндон нæмыгау, ацыди сæ мидæг
Ыскæсæнæй Ныгуылæнмæ зынгæй
Æмæ фæхæццæ Намысы бæрзондмæ.
Фæлæ куы 'рсæрфта йе 'хсаргардæй туг,
Йæ дард фæндагмæ уæд фæстæмæ ракаст
Æмæ йæ рустыл цæстысыг æрцыд.

Цæуыл, цæуыл уынгæг кæны дæ зæрдæ,
Æппæлинаг мæлинæгты хуыздæр?
Æви зынтимæ риу-æмриу хæцынæй
Æппын нæма ныддурзæрдæ дæ, цы?
Æви æдзух æнæрцъындæй кæсынæй
Дæ цæстытæ нæма ныйисты хус?
Цæмæн, цæмæн сæ афтæ зилыс доны?
Æмæ салдат ныуулæфыдис арф:
«Цæй зын дæ, цæ, хæстмæ цæуын, цæй зын дæ!..
Уæдæй ныр рацыд фондз азы, кæддæр
Куы рараст дæн уынгæг тохмæ нæхицæй,
Уыдис мæйрухс, сæрдыгон æхсæв, хъарм,
Фæлæ уыд зæрдæ талынг æмæ уазал.
Нæ хуыссыд хъæу, фæлæ ныхъхъус куыддæр,
Рухс никæмуал сыгъд æмæ, къахт цæстытау,
Уыдысты хъæуы рудзгуытæ мæрдцъынд.
Нæ фæсивæд сæрибары сæраппонд
Куы рафæндараст удуæлдай хæстмæ,
Уæды нывтæ цæрæнбонтæм уыдзысты
Фæкæуынæн, фæхудынæн дæр фаг...
Нæ фæдыл адæм хъæугæронмæ рацыд,
Нæдæр ныхас, нæ — худын, нæ — кæуын,
Æнæ уый дæр æмбæрста иуы иннæ:
Куы 'рцæуы фыд æгас дзыллæйыл, уæд
Сæргуыбырæй æмæ уæнтæбæрзондæй
Кæрæдзи 'нцой æнæдзургæ фæлæууынц.
Нæ баззад хъæуы иу хæдзар, цæуæг
Кæм нæ уыд хæстмæ. Иуты 'рвыстам уырдæм,
Нæ иннæты мæрдтæй æмæ цæфтæй
Фæстæмæ ластам тугуарæн быдыртæй...
Æмæ зыдта йæ уынгæджы бон адæм:
Кæд уыцы 'хсæв нæ куыдта уый, уæддæр
Йæ зæрдæйы цы тыхджын маст æрæмбырд,
Цæстысыгæй куы фемæхстаид уый,
Германæн уæд æнхъæвзтаид йæ сæрты.
Фæлæ ирон фæразон у зынтæн
Æмæ нæ хæссы худинаг йæ сæрмæ.

Æрлæууыд адæм хъæугæрон. Бæрзонд
Нæ сæрмæ арв æнкъардæй касти зæхмæ,
Нæ фарсмæ та тызмæгæй ниудта Терк...
Уæд размæ рацыд иу зæронд лæг; систа
Йæ урс нымæтхуд, радтой йæм сыкъа;
Фæкасти бирæ исдуг зæхмæ, стæй ныл
Уынгæг зæрдæйæ ахаста йæ цæст
Æмæ ныссабыр й' алфамблай æппæт дæр.
— Цæут, мæ хуртæ... Уастырджи фæуæд
Уæ фарсхæцæг!.. Тых кæнынмæ нæ цæут,
Фæлæ цæут тыхгæнджыты ныхмæ...
Æгадмæ-иу нын ма 'руадзут нæ сæртæ...

Йæ ныхас зæронд нал фæци, йæ маст
Фæбадт йæ хъуыры, нал фæрæзта дзурын.
Æнуд дзыназын устытæй фæцыд,
Æмæ нинниуой — гъа ныр, зæгъгæ, афтæ
Хъæлæсы дзаг ныццæлхъ ластон æз дæр
Иры фæндагсар Уастырджийы зарæг.

Цæрукъаты Алыксандыр еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-