Уæларвон изæдтæ, сумахмæ ковун,
Седзæр сабийтæн ирд бонтæ корун.
И сувæллæнттæ тæрегъæд æнцæ,
Фæйнердæмитæ фæццæудзæнæнцæ.
Еци сабийтæ ку фесæфонцæ,
’Ма мин уазали ку ниссæлонцæ.
Мæ зæрдæ уоми ку ратондзæнæй,
Мæ цард мин адгин нæбал уодзæнæй…
Цæгати ’фцæгбæл бахезун гъудæй,
И фидбилиз ба нæ фæсте цудæй.
Сæхолидонæй ку баниуазтан,
Нæ рист иуæнгтæ уæд ку райвазтан.
Мæ минкъий хортæ, кæми хæтетæ,
Дони астæути кумæ цæуетæ?
Адзали къохæй цал уоди байстон,
Сæмæ тæлтизагъд исæнхæст кодтон.
Задæлески Нана — æносмæ рохсаг, нæ уарзон мадæ.
Изæдти хæццæ некæд фесæфдзæй дæуæн дæ кадæ.
Æносмæ рохсаг, нæ уарзон мадæ.
Некæд фесæфдзæй дæуæн дæ кадæ!
Изæдти хæццæ дæ ном æвæрæн,
Дигоргоми ба — рæсугъд циртдзæвæн…
Изæдти хæццæ дæ ном ивæрæн,
Дигоргоми ба — рæсугъд циртдзæвæн.
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Элита Секинаева еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1