Слова Коста Хетагурова, музыка народная
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? — Дæ цæстытысыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?
Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
Æнæхай фæкодтон мæ мард!..
МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Эльбрус Губиев еще тексты
Другие названия этого текста
- Ким Суанов - Мæ Иры фæсивæд (0)
- Валерий Сокуров, Валерий Танклаев и Казбек Кудзаев - Мæ Иры фæсивæд (0)
- Эльбрус Губиев - Мæ Иры фæсивæд (0)
- Ансамбль «Владикавказ» (сол. Залина Бзыкова) - Æнæ хай (0)
- Ким Суанов - Мæ Иры фæсивæд (Æнæ хай) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1