Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

А. Кобесова - Сырдон нарты куыд фæсайдта | Текст песни

Иу бон Нарт ацыдысты хæтæны. Сырдоны дæр ахуыдтой семæ. Ницы бафтыд сæ къухы, æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Уæд Нарт зыдтой æнæбын цад тар хъæды астæу æмæ загътой: «Уыцы цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм, æмæ кæд фесæфид». Цадыл пыхсытæ мæнг калд æркодтой. Æмæ арвыстой Сырдоны цады комкоммæ фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад кæй уыдис, уый æмæ дзы ныххаудта. Былгæрон ма бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ амæлттæй раирвæзтис цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, ахус кодта йæ дзауматæ æмæ Нарты размæ азгъордта. Нарт Сырдонæн фесæфын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм уый хъæр кæны:

— Фæлæуут-ма, Нæртон хæтæг адæм, диссаг уын радзурон, дунейы диссаг! Нарт æрлæууыдысты æмæ дисæй амардысты, уый Сырдоны хъæр куы у, кæцæй ма фæзындис, зæгъгæ. Сырдон сæм бацыди æмæ сын загъта:
— Мæ чысылæй нырмæ ахæм диссаг никуыма федтон.
Нарт æм дзурынц:
— Цы диссаг федтай, Гæтæджы фырт? Ма та нæ фæсай!
Сырдон сын загъта:
— Уæртæ уым иу цады цур федтон диссаджы сырдтæ: ралыгъдысты сындзджын къохмæ. Фæтарстæн сæ æмæ ма амалтæй ардæм æрхæццæ дæн! Сырдоны дзауматæ хусæй куы федтой Нарт, уæд сæ йæ ныхас бауырныдта.
— Кæд цуаны цæут, уæд хуыздæр ран нал ссардзыстут, æмæ сæм тагъддæр ацæут. Æз сæм мæхæдæг нал бауæнддзынæн, фæлæ къохы алы фарс зилдзынæн æмæ уын, чердæм цæуой, уый амондзынæн,— зæгъы Сырдон.

Бацыдысты Нарт сындзджын къохмæ. Зилынц сындзы, фæлæ цæй сырд ссардтаиккой! Æхсæв-бонмæ сæ сындзытæ фæтыдтой: бæхæй, лæгæй сæ туг калди, афтæмæй райсомæй сындзджын къохæй рацыдысты.
— Сæрæй та ныл сайдæй рацыдтæ,— зæгъынц Нарт Сырдонæн.
— Нæ сæм бауæндыдыстут, Нарт, сындзы бамбæхстыстут, æмæ уый адæмæн куы радзурон, уæд фидиссаг кæнут,— загъта Сырдон. Нарт фæтарстысты, худинаг нæ кæндзæн, зæгъгæ, æмæ йæм дзурын нал бауæндыдысты.
Афтæтæ кодта Нартæн Гæтæджы фырт Сырдон.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-