Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Зарина Малити - аенхъаелмае даем аз цалазы фаекастан | Текст песни

Уарзты цин

Цæй диссаг дæ, цæ, уарзондзинад, уастæн,
Мæ рухс бæллицты ахсджиаг бындур,
Æнхъæлмæ дæм æз цал азы фæкастæн,
Æмæ мыл мæнæ ракастис мæ хур.

Цæргæсы базыртыл стахтæн æз уæлæрвтæм,
Фыр цинæй риуы нал цæуы мæ зæрдæ,
Мæ алыфæрсты зилдух кæнынц мæргътæ,
Зæрин тæмæнтæ ленк кæнынц мæ сæрмæ.

Мæ зынаргъ, цæй, стæх ды дæр мæ цурмæ,
Æрзилæм иумæ арвы цъæх кæрæтты,
Кæрæдзийæн нæ мондæгтæ фæдзурæм,
Нæ сонт зæрдæтæ фидар иумæ сбæттæм.

Нæ уарзты мæсыг самайæм æмзондæй,
Скæнæм дзы æвдисæндар æнустæм,
Цæмæй йыл зæдтæ аудой бæрзондæй,
Цæмæй йæ зæлтæ узæлой сæ хъустыл.

О, ме Скæнæг, дæуæй дæн бузныг абон,
Мæ циндзинад дæ лæвар у мæнæн,
Цæсты гагуыйау хъахъхъæндзынæн м ’амонд,
Мæ уд нывондæн дардзынæн дæуæн.



Джериаты Земæйы ныхæстæ.


Зарина Малити еще тексты


Другие названия этого текста
  • [осетия ♫♪] Зарина Малити - Уарзты цин (муз. Бэла Золоева) (0)
  • Zarina Maliti - Уарзты цин (муз. Бэла Золоева) (0)
  • Зарина Малити - аенхъаелмае даем аз цалазы фаекастан (0)
  • Zarina Maliti - Warzty cin (0)
  • Зарина Малити - Уарзты цин (муз. Бэла Золоева) (0)
Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1