Мæ зæрдæ дын тæбæгъыл æрбахæстон,
Мæхицæй æнæ хæдзар куы сарæзтон,
Æхсæвæй-бонæй æз дæ уындмæ фæбæллын,
Дæ уарзтæй тæригъæдтагæй куы мæлын.
Б а з а р д :
О, чызгай – нæл у, нæл мæ бон –
Баззайын æмбисæхсæвмæ стыр уынджы,
О, Хуыцау, кæм ис амонд мæгуыр лæджы?!
Баззайын æмбисæхсæвмæ стыр уынджы,
О, Хуыцау, кæм ис амонд мæгуыр лæджы?!
Барвитин дæм минæвæрттæ, о, мæ бон,
Фæлæ уый, кæмæн бауыдзæнис йæ бон.
Уæдз фехъусæд мæ зарджытæ, мæ бæлон,
Уый фарн, æмæ уарзондзинад бакодтон.
Базард.
Бацæуын та хæстæг æз дæ балконмæ,
Мæ зæрдæ куы нæл фæкæсы мæ коммæ,
Фенын дзы дæ мады бирæгъ цæстæнгас –
Атайы мæ зæрдæйы æвирхъау маст.
Базард.
«Музыкальная культура осетин» © 2012
http://vkontakte.ru/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Осетинская серенада еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1