Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Роман Джихаев - О чызгай | Текст песни

О чызгай цæй ма кæм дæ
Айс мын зæрдæ мæ уарзт
Хатджытæ барвитон цæй
Иумæ сбæттæм нæ цард

Хæхтæм фæцæуиккам мах
сканиккæм иумæ хæдзæр
Нуазиккам суадонæй дон
Рæвдæуит на хæхты дзуар(2раза)

Ахсиккам фурды кæсаг
Сæрды мæнæргъы у фаг
Фæззæджы царды бæркад
Зымæджы фæндыры цагъд

Цуаны иу ацæуин æз
Ласиккам сæрвæтæй хос
Уаит на къумты бæркад
Тынг бирæ дариккам фос

Райгурит махæн нæ фырт
Айхъуысит хæхтыл йа зард
Уый фæстæ ноджы æхсæз
Иумæ нын уаиккой авд

О чызгай цæй ма кæм дæ
Ды дæ мæ цардæн йæ бон
Баком мын баком чызгай
Нæ уæд дæ скъæфдзынæн зон


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-