О мæн, кæддæр дæ цæстытæ рæвдыдтой,
Дæ уындæй никæд бафсæстæн, чызгай!..
{Фæлæ уæддæр, дæ уардыстæн, нæ зыдтон,
Мæ уарзтæй дард фæлидзынæ тæргай.}x2
Мæ уд лæууы, уæддæр æдзух дæу мысын,
Дæу ферох кæнын не суыдзæн мæ бон.
{Æнкъард сагъæсты химидæг фæтыхсын,
Куыд зæгъон ныр дæ цæстытæн хæрзбон?..}x2
Æз федтон дæу, ды ацыдтæ мæ фæрсты,
Зынæpвæccoнæй ракастæ мæнмæ.
{Æгъуыссæг æхсæв стъалыты фæфæрсын,
Кæмæн зæгъон мæ сау катай, кæмæн?..}x2
Ныфсы ныхас уæларвæй дæр нæ хъуысы,
Мæ хъизæмарæн нал вæййы кæрон.
{Фæлæ уæддæр, о сауæрфыг, дæу мысын,
Дæу ферох кæнын не суыдзæн мæ бон…}x2
Рустам Джихаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1