Цæмæн фехъуыстон хъæу бæсты хъазты? оо..й
Ирон фæндыры æвзаргæ зæлтæ оо..й
Цæмæн басыгътай дæ судзгæ уарзтæй? оо..й
Ыссыгътай чызгай, мæнæн, мæ зæрдæ оо..й (2 хатты)
(Æнæзонгæ чызг, мæнæн мæ зæрдæ?оо..й (2 хатты))
Цæмæн фæуайыс æхсæвæй бонæй оо..й
Дæ фæндыримæ æдзух мæ цæсты оо..й
Фыдбоны рæсугъд зæгъ ма æргомæй оо..й
Кæм дæ агурон, уæдта цы бæсты? оо..й (2 хатты)
оо..й
Цымæ цы зарæг, зары æдзух дæр? оо..й
Уый чызджы къухты, фæндыр фæзары оо..й
Дуннейы уымæй, цы ис рæсугъддæр оо..й (2 хатты)
Æвзисткъæлæс мæй, дæ ирдгæ хæлттæ оо..й
Æрвон тыгъдады ыскъæргæ ахæсс.оо..й
Стъалыты кæд йæ фæндыры зæлтæй оо..й
Чызгай рæвдауы. Ма мын æй бамбæхс. оо..й (2 хатты)
О, хæхтæ, хæхтæ, рæсугъд чыргъæдтæ, оо..й (сæрвæттæ)
Цы нæ дидинæг уæ фæхстыл зайы! оо..й
Миййаг кæд се ’хсæн чызгай нымбæхсти, оо..й
Сæууон æртахæй йæхи фæнайы? (2 хатты)
(Кæд миййаг чызгай уæ ахсæн амбæхст оо..й))
Хурзарин еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3